ЦХИНВАЛ, 17 мар – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны фӕллойад ӕмӕ социалон хъахъхъӕнынады министрад фӕнд кӕны, паддзахадон граждайнаг службӕгӕнджыты пенсион ифтонгады фӕдыл закъоны проект кӕй бадӕтдзысты хицауадмӕ президент цы ӕмгъуыд цы снысан кодта, уымӕ гӕсгӕ – иу мӕймӕ. Уый тыххӕй Гаглойты Олег фехъусын кодта информаци ӕмӕ мыхуыры комитеты пресс-конференцийы рӕстӕджы.
"Ивгъуыд къуыри мах барвыстам закъоны проект ӕмбӕлон уагдӕттӕм, цӕмӕй райсӕм хатдзӕгтӕ. Къорд хатдзӕджы ныридӕгӕнӕн райстам, аннӕтӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм 1-2 къуыримӕ, уый фӕстӕ закъоны проект барвитдзыстӕм хицауадмӕ, ӕмӕ стӕй та парламентмӕ", - загъта министр.
Гаглойты Олег бафтыдта, зӕгъгӕ, ацы закъоны проект райсыны иунӕг проблемӕ уыд йӕ финансон ифтонгкӕнынад.