ЦХИНВАЛ, 17 мар - Sputnik. Транскавказаг автомагистраль бакодтой фӕндагон змӕлдӕн дыццӕджы 8.00 сахатӕй, фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ).
Транскам сӕхгӕдтой знон изӕр дурты ӕркалды тыххӕй.
"Транскавказаг автомагистраль бакодтой 17 марты 08.00 сахатӕй транспорты алы хуызтӕн дӕр", - дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.
Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн. Трассæйы дæргъ у 164 километры.