ЦХИНВАЛ, 17 мар - Sputnik. Уӕрӕсейы ӕфсӕдты къорд "Хуссар"-ы хӕстонтӕ активон размӕбырстон архӕйдтыты рӕстӕджы ссӕрибар кодтой цӕрӕн пункт Каленики Донецкы Адӕмон Республикӕйы (ДАР), фехъусын кодта Уӕрӕсейы Федерацийы Хъахъхъӕнынады министрад.
Ныхмӕлӕууӕг ацы здӕхты иу суткӕмӕ фесӕфта 200 ӕфсӕддоны, хӕстон бронемашинӕ, америкӕйаг бронетранспортер, 10 хӕдтулгӕйы ӕмӕ быдырон артиллерийы цыппар хӕцӕнгарзы. Афтӕ ма уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ скуынӕг кодтой хӕстӕрмӕджыты дыууӕ ӕфтауцы ӕмӕ материалон фӕрӕзты ӕхсӕз ӕфтауцы.