Уӕрӕсейы ӕфсӕдтӕ ссӕрибар кодтой цӕрӕн пункт Александровка ДАР-ы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 мар — Sputnik. Уӕрӕсейаг ӕфсӕдты къорд "Ныгуылӕн"-ы хӕстонтӕ активон размӕбырстон архӕйдтыты рӕстӕджы ссӕрибар кодтой цӕрӕн пункт Александровка Донецкы Адӕмон Республикӕйы (ДАР).
Афтӕ ма уӕрӕсейаг авиаци, ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараттӕ, ракетон ӕфсӕдтӕ ӕмӕ артиллери ивгъуыд суткӕ егъау ӕхст фӕкодтой Украинӕйы энергетикон ӕмӕ транспортон инфраструктурӕйы объекттӕ.
Уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ та скуынӕг кодтой ӕртӕ авиабомбӕйы ӕмӕ 316 дроны.