Ирон хъӕбысӕйхӕцджытӕ бацархайдтой турниры Сомихстоны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 мар – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Ирон спортсментӕ ӕнтыстджын архайд скодтой ӕхсӕнадӕмон турниры уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй 21 азы кары онг ӕрыгӕтты ӕхсӕн Сомихстоны.
Ерысты уӕлахиздзаутӕ ссисты Челдыты Инал (74 кг), Елысханты Исмаил (79 кг) ӕмӕ Бекъойты Артур (125 кг).
Турниры ӕвзист майдантӕ рамбылдтой Дзаттиаты Альберт (61 кг) ӕмӕ Гариты Ацӕмӕз (79 кг).
Кады пьедесталы ӕртыккаг къӕпхӕнмӕ схызтысты Цагаты Алан (86 кг) ӕмӕ Цӕрыкъаты Азӕмӕт (97кг).
Лева Варданяны номарӕн ӕхсӕнадӕмон турнир цыд Ереваны 17-18 марты. Ерыстӕ ӕрӕмбырд кодтой 140 спортсмены бӕрц авд бӕстӕйӕ.