ЦХИНВАЛ, 19 мар — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны фæстаг хæрзбон загътой сæрмагонд æфсæддон операцийы фæмардуæвæг хæстон Пухаты Станиславæн.
Хæстонæн фæстаг хæрзбон зæгъынмæ æрбацыдысты республикæйы сæдæгай адæм, йæ хиуæттæ æмæ æмгæрттæ, афтæ ма республикæйы къухдариуæгад президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй æмæ Уæрæсейы минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов.
Цхинвалы фæстаг хæрзбон загътой СÆО-йы фæмардуæвæг хæстон Пухаты Станиславæн
© Sputnik / Элина Габараева
"Абон мах фæндараст кæнæм æцæг хъайтар æмæ хæстоны. Станислав фронты йæхи равдыста иттæг хорз. Рухсаг у, хъайтар", - загъта президент.
Марат Кулахметов бахахх кодта, Пухаты Станислав йæ цард кæй радта Фыдыбæстæйы тыххæй – Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны тыххæй. Хæстон фæмард уæззау хæслæвæрд сæххæст кæныны фæстæ, бафтыдта минæвар.
Пухаты Станиславыл цыд 34 азы. Баззадис ын дыууæ сывæллоны.
Паддзахады сæргълæууæджы барамындæй хæстонæн мæлæты фæстæ радтой "Фыдыбæстæ хъахъхъæнæгæн" майдан.