ЦХИНВАЛ, 19 мар - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 138 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 138 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй 40 – Краснодары крайы, 35 – Хъырымы Республикӕйы, 28 дроны ӕрыппӕрстой Ставрополы крайы, 18, - Азовы денджызы акваторийы, аст – Курскы областы, авд дроны скуынӕг кодтой Сау денджызы акваторийы ӕмӕ дыууӕ та – Ростовы областы" - дзырдӕуы хъусинаджы.