ЦХИНВАЛ, 20 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады специалисттæ райдыдтой ахуыр кæнын уæрæсейаг фæлтæрддзинад хостæн фæтк дæттыны къабазы Пироговы номыл Националон медико-хирургон центры. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады пресс-службæ.
Уагдоны куыд банысан кодтой афтæмæй, хостæй ифтонгкæнынады системæйы эффективон райрæзт у президент Гаглойты Алан цы ахсджиаг хæслæвæрдтæ радта, уыдонæй иу.
"Бадзырдтам æмгуыстадыл центры сепциалисттимæ, сæйраджыдæр, нормативон базæйы фарстытæ æмæ IТ-къабазы архайд", - бахахх кодтой министрады.
Балцы рæстæджы специалисттæ лыстæг ахуыр кæнынц хосты хыгъд æмæ æвæрыны организаци, афтæ ма логистикæйы фарстытæ.