Цхинвал ӕмӕ Мӕскуы ӕрдзырдтой хӕдтулгӕты рӕстӕгмӕ ӕрбаласты процедурæ фенцондӕр кӕныныл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсе ӕрдзырдтой хӕдтулгӕты рӕстӕгмӕ ӕрбаласты процедурӕ фенцондӕр кӕныныл ӕмӕ таможнӕйон пост "Дӕллаг Зӕрӕмӕг"-ы уадзӕн фадӕттӕ фӕфылдӕр кӕныныл.
Хуссар Ирыстоны Таможнӕйы комитеты къухдариуӕгад фембӕлд Цӕгат Кавказы таможнӕйон фӕткдаруаты минӕвӕрттимӕ.
Фарсытӕ ӕрдзырдтой хӕдтулгӕты рӕстӕгмӕ ӕрбаласты процедурӕ фенцондӕр кӕныныл. Уӕрӕсейаг фарс равдыста цӕттӕдзинад бавдисын рекомендацитӕ хуссарирыстойнаг фарсӕн.