Цхинвал æмæ Манагуа æрдзырдтой æмархайдыл дунейы æндыгъд уавæр хынцгæйæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 мар — Sputnik. Никарагуа ногæй банысан кодта, кæй нæ ивы йе ‘скъуыддзаг Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымайыны фæдыл, хъусын кæны РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад (ФХМ) дыууæ бæстæйы æддагполитикон уагдæтты сæргълæуджыты онлайн-баныхасы фæстиуæгæн.
Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Никарагуайы фæсарæйнаг хъуыддæгты со-министртæ Вальдрак Джентске æмæ Денис Монкадайы онлайн фембæлд ацыд хуссарирыстойнаг фарсы хъæппæрисæй. Баныхасы ма хайад райста Никарагуайы æххæстбарджын минæвар Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны Альба Торрес Мехия.
"Фарсытæ æрдзырдтой хуссарирыстойнаг-никарагуаг ахастыты дарддæры райрæзтыл æнæстабилон æхсæнадæмон уавæр æмæ глобалон ивындзинæдтæ хынцгæйæ", - дзырдæуы уагдоны хъусинаджы.
Никарагуайы фарс ногæй бахахх кодта, кæй сты цæттæ дарддæр кæнын активон æхсæнпаддзахадон диалог.