ЦХИНВАЛ, 20 мар - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 26 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 26 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй 14 Краснодары крайы, ӕхсӕз – Сау денджызы акваторийы, фӕйнӕ дыууӕ дроны ӕрыппӕрстой Белгороды областы ӕмӕ Хъырымы Республикӕйы ӕмӕ фӕйнӕ иу та – Брянскы ӕмӕ Ростовы областты" - дзырдӕуы хъусинаджы.