ЦХИНВАЛ, 23 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад (ÆХМ) Паддзахадон æдасдзинады комитетимæ фæтыхджындæр кодтой цæстдард наркотикон æмæ психотропон буарадты æрзылдмæ Республикон бирæпрофилон медицинон центры, хъусын кæны уагдоны пресс-сулжбæ.
Министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, райсгæ мадзæлтты руаджы оптимизаци æрцыд ацы категорийы буарадты хардзкæнынад.
"Уый размæ Республикон бирæпрофилон медицинон центры уыд ацы категорийы буарадты цухдзинад, уый фæдыл та хъуыд уæлæмхас финансон фæрæзтæ бюджетæй", - банысан кодтой уагдоны.
Министрады бахахх кодтой, кæй адарддæр кæндзысты куыст медикаменттæ хардзкæнынадмæ цæстдарды фæдыл куыд бирæпрофилон медицинон центры, афтæ ма республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады системæйы æндæр дæлхайадты дæр.