ЦХИНВАЛ, 23 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президенты барамындӕй республикӕйы минӕварӕй Абхазы снысан кодтой Астамур Кацияйы, хъусын кӕны РХИ Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад.
"Республикӕ Хуссар Ирыстоны президенты барамындӕй 18 марты Астамур Кацияйы снысан кодтой Хуссар Ирыстоны ӕххӕстбарджын минӕварӕй Абхазы", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Хуссар Ирыстоны интерестӕ Абхазы уый размӕ хъахъхъӕдта Боциты Олег, кӕцы ахицӕн йӕ цардӕй 2025 азы августы.