Хуссарирыстойнаг гимнасткӕтӕ ӕнтыстджынӕй бацархайдтой ӕппӕтуӕрӕсейаг турнир "Оскар"-ы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 23 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны гимнасткӕтӕ бацахстой фыццаг бынат "А" категорийы ӕппӕтуӕрӕсейаг турнир "Оскар"-ы Ростов-на-Донуйы, хъусын кӕны фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты комитеты пресс-службӕ.
"Турниры фӕстиуӕгӕн командӕ бацахста фыццаг бынат "А" категорийы. Ӕппӕтуӕрӕсейаг ерысты нӕ командӕ бахызт ӕхӕз тыхджындӕр ӕмбырдгонды скондмӕ", - банысан кодтой уагдоны.
Ерысты хайад райстой 95 командӕйы Уӕрӕсейы 25 регионӕй.