ЦХИНВАЛ, 23 мар – Sputnik. Хуссарирыстойнаг спортсменкӕ Зассеты Амага рамбылдта бронзӕ майдан Уӕрӕсейы фыццагады уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй 16 азы кары онг чызджыты ӕхсӕн, хъусын кӕны фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты комитеты пресс-службӕ.
Зассеты Амага архайдта 66 килограммы уӕзы категорийы. Кады пьедесталмӕ фӕндагыл ирон спортсменкӕ ауагъта цыппар тохы, уыдонӕй ӕртӕйы фӕуӕлахиз.
Ерысты ӕдӕппӕт хайад райстой 350 хъӕбысӕйхӕцӕджы, сӕ нымӕцы европейаг ерысты уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призертӕ.