ЦХИНВАЛ, 23 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы хай ӕмӕ хӕстӕг цӕрӕн пункт пункт дыццӕджы, 24 марты, рӕстӕгмӕ баззайдзысты ӕнӕ донӕй цалцӕггӕнӕн куыстыты тыххӕй, хъусын кӕны Цхинвалы администрацийы пресс-службӕ.
Уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Паддзахадон унитарон куыстуат "Водоканал"-ы специалисттӕ сӕххӕст кӕндзысты цалццӕгӕнӕн куыстытӕ магистралон донвӕды.
"Арӕнӕвӕрдтӕ уыдзысты 06.00 сахатӕй 17.00 сахаты онг. Дон рӕстӕгмӕ ахицӕн кӕндзысты микрорайон Шанхай ӕмӕ Ногхъӕуы", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Цалцӕггӕнӕн куыстыты фӕстӕ ӕххӕст бӕрцӕй сног кӕндзысты донифтонгад.