ЦХИНВАЛ, 24 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан кусӕгон балцы ацыд Мӕскуымӕ, фехъусын кодта республикӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-секретарь Босыкты Наталья.
"Паддзахады сӕргълӕууӕгӕн йӕ кусӕгон балцы фӕлгӕтты ацӕудзӕн къорд фембӕлды уӕрӕсейаг официалон гоймӕгтимӕ. Фембӕлдты рӕстӕджы дзырд цӕудзӕн дывӕрсыг ӕмгуыстад ӕмӕ ӕмархайды актуалон фарстытыл", - банысан кодта Босыкты Наталья.