ЦХИНВАЛ, 24 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады ирвӕзынгӕнджытӕ знон ӕхсӕв аиуварс кодтой зӕйы ӕрцыды фӕстиуджытӕ Транскавказаг автомагистралы Уӕллау Ручъы хъӕуы районы, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.
"Миты зӕйы ӕрцыды фӕстиуджытӕ аиуварс кодтой Уӕлвӕткон уавӕрты министрады дыккаг агурӕн-ирвӕзынгӕнӕн къорды кусджытӕ", - банысан кодтой уагдоны.
Уый размӕ министрад ӕрсидт шофыртӕм, цӕмӕй хъавгӕ цыд кӕной Транскамы ӕвзӕр боныгъӕды тыххӕй.
Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн. Трассæйы дæргъ у 164 километры.