Цхинвалы æрдзырдтой РХИ æмæ УФ хъахъхъæнынадон уагдæты æмархайды райрæзты фæдыл бадзырдыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы хъахъхъæнынадон уагдæтты дарддæры æмархайды фæдыл бадзырд бафыссыныл æрдзырдта республикæйы хъахъхъæнынады министр Юрий Яровицкий УФ хъахъхъæнынады министрады делегациимæ.
Министрады пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй делегацийы сæргъ лæууы УФ хъахъхъæнынады министрады æхсæнадæмон æфсæддон æмгуыстады сæйраг фæткдаруаты хистæры хæдивæг Валерий Лапин.
"Уæрæсейаг делегацийы балцы фæлгæтты æрдзырдтой дыууæ бæстæйы хъахъхъæнынадон уагдæтты дарддæры æмархайды фæдыл профилон бадзырд бафыссыныл", - банысан кодтой уагдоны.
Афтæ ма фарсытæ æрдзырдтой сæрмагонд техникæйы цалцæджы фарстытыл дæр.