Цхинвалы цæрæджы æрцахстой наркотиктæй пайда кæныны тыххæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 мар - Sputnik. Милицийы кусджытæ æрцахстой Цхинвалы 38-аздзыд цæрæджы наркотиктæй пайда кæныны тыххæй, хъусын кæны дыццæджы Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
"Медицинон басгæрсты протоколмæ гæсгæ æмбæстæг пайда кодта наркотикон буарад гæнæй", - банысан кодтой уагдоны.
Министрады фæдагуырды фæткдаруат бакодта уголовон хъуыддаг ацы цауы фæдыл.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, ацы æмбæстаджы уый размæ дыууæ хатты æрбаздахтой административон бæрндзинадмæ наркотикон буарадтæй пайда кæныны тыххæй.