ЦХИНВАЛ, 24 мар - Sputnik. Уæрæсейы æфсæдты къорд "Цæгат"-ы хæстонтæ активон размæбырстон архæйдтыты рæстæджы ссæрибар кодтой цæрæн пункт Песчаное Харьковы областы, фехъусын кодта дыццæджы УФ Хъахъхъæнынады министрад.
Украинæйы Гарзджын тыхтæ ацы здæхты иу суткæмæ фесæфтой 235 æфсæддоны, цыппар бронемашинæйы, дæс хæдтулгæйы, быдырон артиллерийы хæцæнгарз, контрбатарейон тохы станц æмæ материалон фæрæзты фондз æфтауцы.