Владимир Путин фӕхуыдта Гаглойты Аланы Уӕлахизы парадмӕ Мӕскуымӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан ацӕудзӕн Уӕлахизы пардамӕ Мӕскуымӕ 9 майы, фехъусын кодта республикӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-секретарь Босыкты Наталья.
Гаглойты Алан райста ӕрхуынд Уӕрӕсейы Федерацийы президент Владимир Путинӕй. РХИ президент йӕ балцы фӕлгӕтты хайад райсдзӕн Уӕлахизы парады Сырх фӕзуатыл.