ЦХИНВАЛ, 25 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфӕ кодта культурӕйы кусджытӕн сӕ профессионалон бӕрӕгбоны цытӕн.
"Культурӕ ӕххӕст кӕны дуджы бастдзинад, радӕтты фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ традицитӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ, райтынг кӕны монон-фӕткӕвӕрдон хӕзнатӕ", - бахахх кодта паддзахады сӕргълӕууӕг.
Президент бузныг загъта культурӕйы кусджытӕн сӕ удуӕлдай куысты тыххӕй ӕмӕ баныфсӕвӕрдта, уыдон дарддӕр кӕй хӕсдзысты егъау хайбавӕрд ирӕтты хъӕздыг культурон бынтӕм.