Хуссар Иры апрелы райдайдзӕн хӕдахуыр футболы ӕртыккаг чемпионат

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 мар – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны апрелы райдайдзӕн хӕдахуыр футболон лигӕ (ЛФЛ) "Цхинвал"-ы ӕртыккаг чемпионат.
Лигӕйы разамонӕг Тедеты Азӕмӕт йӕ комментарийы Sputnik-ӕн банысан кодта, ерыстӕ кӕй райдайдзысты 19 апрелы.
"Ныртӕккӕ исӕм куырдиӕттӕ – сӕ хайадист ныридӕгӕн сфидар кодтой ӕхсӕз командӕйы. Ныфс нӕ ис, ноджы фылдӕр футбол уарзджытӕ кӕй бадӕтдзысты сӕ куырдиӕттӕ 15 апрелы онг ӕмӕ хайад райсдзысты нӕ турниры", - загъта лигӕйы сӕргълӕууӕг.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, турнир нывонд уыдзӕн номдзыд хуссарирыстойнаг тренер Зассеты Владимиры мысӕнӕн.
Ерысты организатортӕ сты хӕдахуыр футболон лигӕ "Цхинвал", фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты комитет ӕмӕ Хуссар Ирыстоны футболы федераци.