Хуссар Иры пациенттӕн араздзысты ӕнӕаргъ операцитӕ уыргтыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны уыргты низимӕ пациенттӕн фадат уыдзӕн исын бӕрзонд технологион медицинон ӕххуыс. Операцитӕ ӕнӕаргъӕй араздзысты Цӕгат Ирыстоны территорийыл, хъусын кӕны РХИ Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ.
"Операцитӕ араздзысты Цӕгат Ирыстоны территорийыл. Уӕлӕмхас информаци райсынӕн 30 мартӕй хъӕуы бадзурын ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Наниты Сосланмӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уӕрӕсейаг дохтыртӕ сараздзысты операцитӕ ӕмӕ консультацитӕ Хуссар Иры сывӕллӕттӕн