Уӕрӕсейаг дохтыртӕ сараздзысты операцитӕ ӕмӕ консультацитӕ Хуссар Иры сывӕллӕттӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 мар — Sputnik. Уӕрӕсейаг сывӕллӕтты травматологтӕ-ортопедтӕ сараздзысты ӕнӕаргъ операцитӕ ӕмӕ консультацитӕ Республикон бирӕпрофилон медицинон центры 26 мартӕй 2 апрелы онг, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ.
Уый размӕ специалистты командӕ сарӕзта операцитӕ 20 сывӕллонӕн республикӕйы.
Министрады банысан кодтой, сывӕллӕтты ныридӕгӕн кӕй равзӕрстой ивгъуыд консультативон райсты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ.
Уымӕй дарддӕр уагдоны ӕрсидтысты церебралон параличӕй рынчын сывӕллӕттӕ кӕмӕн ис, уыцы ӕмбӕстӕгтӕм, цӕмӕй райсой консультацитӕ дарддӕры хоскӕнынадӕн.