"Ӕдас горӕт" фӕфылдӕр кодта фыдракӕндты бӕрӕгкӕнынад Хуссар Иры

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 мар — Sputnik. Аппаратон-программон комплекс "Ӕдас горӕт" фӕфылдӕр кодта ӕхсӕнадон ӕдасдзинад ӕмӕ фыдракӕндты бӕрӕгкӕнынад Хуссар Ирыстоны территорийыл, фехъусын кодтой республикӕйы хицауады.
Вице-премьер Джиоты Константин майрӕмбоны ауагъта комплексы райрӕзтыл архайӕг кусӕгон къорд. Фембӕлды рӕстӕджы дзырд цыд комплексы ныры уавӕрыл ӕмӕ йӕ ӕдзух куыст ӕххӕст кӕныныл.
"Нысангонд ӕрцыд, республикӕйы территорийыл кӕй сӕвӕрдтой 160 видеокамерӕйы, уый руаджы фӕфылдӕр ис ӕхсӕнадон ӕдасдзинад ӕмӕ фыдракӕндты бӕрӕгкӕнынад", - фехъусын кодтой хицауады пресс-службӕйыл.
Вице-премьер бахахх кодта ацы проекты ахсджиагдзинад ӕмӕ бахӕс кодта профилон министрӕдтӕн бацӕттӕ кӕнын хъӕппӕристӕй комплексы дарддӕры райрӕзты фӕдыл.