ЦХИНВАЛ, 30 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри милици регистраци скодта цыппар фыдракӕнды, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
"Иу къуыримӕ республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд иу фӕндагон-транспортон цау, аварийы фӕстиуӕгӕн буары цӕфтӕ райстой ӕртӕ адӕймаджы", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Министрады бафтыдтой, зӕгъгӕ, Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ ивгъуыд къуыри сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 273 фӕткхалды, дыууӕ шофыры фӕдыл сарӕзтӕуыд административон протоколтӕ автотранспорт нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй.