ЦХИНВАЛ, 30 мар — Sputnik. Максим Горькийы номыл Мӕскуыйаг аивадон академион театр равдисдзӕн хуссарирыстойнаг кӕсджытӕн "уырыссаг классикон литературӕйы уацмыстӕм гӕсгӕ хуыздӕр спектаклтӕ".
Хуссар Ирыстоны культурӕйы министрады пресс-службӕйы банысан кодтой, Мӕскуыйаг театры "Стыр гастрольтӕ" кӕй цӕудзысты 15-ӕй 17-ӕм апрельмӕ.
"Программӕ "Стыр гастрольты" фӕсарӕйнаг здӕхты фӕлгӕтты Хетӕгкаты Къостайы номыл падддзахадон драмон театры сценӕйыл равдисдзысты спектакльтӕ: "Мастер и Маргарита", "Васса Железнова" ӕмӕ "Не все коту масленица", - загътой пресс-службӕйы.
Уый размӕ Паддзахадон драмон театры аивадон къухдариуӕггӕнӕг Джелыты Хъазбег фехъусын кодта Sputnik-ӕн, Хуссар Ирыстонмӕ апрелы кӕй ӕрцӕудзӕн ӕвзонг кӕсӕджы дзӕуджыхъӕуккаг театр "Саби" дӕр.