ЦХИНВАЛ, 30 мар - Sputnik, Козаты Диана. Уӕрӕсейы ӕртаджы экспортыл тобӕ куы сывӕрой, уӕд уый нӕ бандавдзӕн Хуссар Ирыстоныл, фехъусын кодта хицауады рабадты рӕстӕджы экономикӕйы министр Хъотайты Сӕрмӕт.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Дзыллон информацион фӕрӕзты ивгъуыд къуыри фӕзынд хъусинаг, Уӕрӕсейы ӕртаджы экспортыл кӕй сӕвӕрдтой тобӕ.
"Ахӕм скъуыддзаг нырма нӕ райстой, фӕлӕ кӕд уа, уӕддӕр республикӕйыл нӕ бандавдзӕн", - загъта министр.
Хъотайты Сӕрмӕт бахахх кодта, Хуссар Ирыстоны ӕртаджы дефицит кӕй нӕй, уымӕн ӕмӕ бӕстӕты ӕхсӕн ис ӕртаджы фӕдыл бадзырдтӕ.