Гаглойты Алан схорзæхджын кодта СÆО-йы хайадисæг æмæ гуманитарон конвойты шофырты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 31 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан радта паддзахадон хорзæхтæ сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисæгæн æмæ фронтмæ гуманитарон уаргъ чи ласы, уыцы шофыртæн. Уый тыххæй хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
Гаглойты Алан банысан кодта, СÆО-йы дæргъы республикæйы къухдариуæгад, депутаттæ æмæ хуымæтæг æмбæстæгтæ алыварсон æххуыс кæнынц фронтæн æмæ æрвитынц гуманитарон уаргътæ.
Паддзахады сæргълæууæджы барамындæй СÆО-йы хайадисæг Джиоты Аланы схорзæхджын кодтой "Фыдыбæстæ хъахъхъæнæгæн" майданæй. Хуссар Ирыстоны Кады грамотæтæ та радтой Биазырты Инал, Тедеты Руслан æмæ Кокойты Маратæн.