Хуссар Иры фæстаг хæрзбон загътой СÆО-йы зонæйы фæмардуæвæг хæстон Зассеты Аланæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 31 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны фæстаг хæрзбон загътой сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) фæмардуæвæг хæстон Зассеты Аланæн.
Фыдохы митингмæ æрбацыдысты хæстоны хиуæттæ æмæ æмгæрттæ, афтæ ма республикæйы къухдариуæгад президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй æмæ Уæрæсейы минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов.
Зассеты Алан 2025 азы июнæй фæстæмæ уыд æбæрæгæй сæфт.
Хæстоныл цыд 51 азы. Президенты барамындæй Зассеты Аланы мæлæты фæстæ схорзæхджын кодтой "Фыдыбæстæ хъахъхъæнæгæн" майданæй.