Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 92 украинӕйаг дроны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 31 мар - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 92 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 92 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты Брянскы, Белгороды, Ленинграды, Курскы, Новгороды, Ростовы, Самарайы, Смоленскы, Орелы, Калугайы ӕмӕ Тверы областты, афтӕ ма Мӕскуыйы регионы" - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уӕрӕсейы Гарзджын тыхтӕ ссӕрибар кодтой дыууӕ цӕрӕн пункты СӔО-йы зонӕйы