ЦХИНВАЛ, 1 апр — Sputnik. Уæрæсейы 2025 азы террористон фыдракæндты нымæц фæфылдæр 60% бæрц 2024 азы бæрæггæнæнтæм абаргæйæ, фехъусын кодта йæ интервьюйы РИА Новостийæн Уæрæсейы Федерацийы Фæдагуырды комитеты сæрдар Александр Бастрыкин.
"Хъæуы зæгъын æмæ нæ статистикæ сфидар кодта гентаивон тенденци. Ивгъуыд аз 2024 азмæ абаргæйæ 60% фæфылдæр сты террористон фыдракæндты нымæц. Уыимæ иумæ, зынгæ фæфылдæр сты æнахъомты хайадистимæ фыдракæндтæ", - загъта Бастрыкин.