Фæдагуырды комитет бакодта 4,7 мин уголовон хъуыддаджы УГТ атакæты тыххæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 апр – Sputnik. Фæдагурджытæ бакодтой 4,7 мин уголовон хъуыддаджы Украинæйы Гарзджын тыхты атакæты тыххæй Уæрæсейы регионтæм, фехъусын кодта йæ интервьюйы РИА Новостийæн Уæрæсейы Федерацийы Фæдагуырды комитеты сæрдар Александр Бастрыкин.
"Сæрмагонд æфсæддон операцийы райдианæй бакондæуыд 4746 уголовон хъуыддаджы Украинæйы Гарзджын тыхтæ СÆО-йы арæнтæй дарддæр цы уæрæсейаг регионтæ ис, уыдон æхсыны фæдыл. Афтæ ма украинæйаг хæстонтæ Уæрæсейы территоримæ 2024 азы кæй æрбабырстой, уый фæдыл дæр. Ацы фыдракæндты фæстиуæгæн 1249 сабыр цæрæджы фæмард сты, 5,7 мин адæймагæй фылдæр та райстой цæфтæ", - загъта Фæдагуырды комитеты разамонæг.
Александр Бастрыкин бафтыдта, зæгъгæ, европейаг бæстæтæ СÆО-йы райдианæй фæстæмæ æххуыс кæнынц Украинæйæн æхцайы фæрæзтæ æмæ хæцæнгарзæй.
Бастрыкин радзырдта, кæй фæфылдæр террористон фыдракæндты нымæц Уæрæсейы