ЦХИНВАЛ, 1 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауад ӕртыццӕджы рабадтыл сфидар кодта кадрон ивындзинӕдтӕ Фӕллойад ӕмӕ социалон хъахъхъӕнынады министрады.
Йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ фӕллойад ӕмӕ социалон хъахъхъӕнынады министры хӕдивӕджы бынатӕй ссӕрибар кодтой Плиты Ацӕмӕзы.
Ацы бынатмӕ хицауады рабадтыл снысан кодтой Гӕбӕраты Кристинайы.
Уагдоны сӕргълӕууӕг Гаглойты Олегы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Гӕбӕраты Кристинамӕ хаудзысты паддзахадон граждайнаг службӕйы фарстытӕ.
Уымӕй дарддӕр Дзауы районы администрацийы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕгӕй, горӕт Къуайсайы мэрӕй снысан кодтой Хъӕцмӕзты Сергейы.