ЦХИНВАЛ, 1 апр – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны культурӕйы министрад алыварсон ӕххуыс кӕндзӕн курдиатджын фӕсивӕдӕн, фехъусын кодта республикӕйы мыхуыр ӕмӕ информацийы комитеты пресс-конференцийы рӕстӕджы уагдоны сӕргълӕууӕг Мамиты Григорий.
"Махмӕ ис бирӕ курдиатджын сывӕллӕттӕ, кӕдоны фӕхъӕуы ӕххуыс сӕ архайды. Зӕгъӕм, нывгӕнӕг цӕуы егъау фестивальмӕ кӕнӕ зарӕггӕнӕджы хъӕуы аранжировкӕ саразын. Уыдонӕн сӕ бон у бадзурын Культурӕйы министрадмӕ, ӕмӕ сын мах ӕнӕмӕнг баххуыс кӕндзыстӕм", - фехъусын кодта Мамиты Григорий.