Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 42 украинӕйаг дроны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 апр - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 42 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.

"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 42 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй 30 – Ростовы областы, ӕртӕ – Хъырымы Республикӕйы, фӕйнӕ дыууӕ дроны ӕрыппӕрстой Краснодары крайы ӕмӕ Сау ӕмӕ Азовы денджызты акваториты ӕмӕ фӕйнӕ иу та – Белгороды, Курскы ӕмӕ Ставрополы" - дзырдӕуы хъусинаджы.

Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 92 украинӕйаг дроны