Бекъойты Азæмæт UFC Vegas 11-ы рахæцдзæн америкæйаг спортсмен Трейшон Горимæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 апр – Sputnik. Ирон спортсмен Бекъойты Азæмæт акæндзæн йæ цыппæрæм тох UFC-йы. Йæ ныхмæлæууæг уыдзæн америкæйаг Трейшон Гор. Хæцдзысты 4-æй 5-æм апрелмæ `хсæвы. Сæ тых æвзардзысты æртæ раунды – алкæцы дæр фæйнæ фондз минуты.
Бекъойты Азæмæтыл цæуы 30 азы. Цы `ртæ тохы акодта, уыдонæй фыццаг дыууæ рамбылдта нокаутæй. Уæд дæр йæ ныхмæлæуджытæ уыдысты Америкæйæ – Закари Риз æмæ Райан Лодер. Фæлæ æртыккаг тохы йæхæдæг фембылд нокаутæй нидерландаг Юнус Белгаруийæн.
Трейшон Гор дзы у иу аз хистæр. Акодта фараст тохы æмæ дзы рамбылдта фондз.