Хуссар Ирыстон рæзын кæны æхсæнадæмон æмгуыстад транспорт æмæ логистикæйы къабазы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы комитеты разамонæг Къæбысты Ацæмæз архайы Æхсæнадæмон транспортон-логистикон форумы Санкт-Петербурджы. Мадзал ахъаз кæны Уæрæсеимæ транспортон бастдзинад фæхуыздæр кæнынæн. Къæбысты Ацæмæз Sputnik-æн куыд радзырдта, афтæмæй ныртæккæ уæз ласыны хъуыддаджы ис къуылымпытæ. Уый бирæбæрцæй хауы, Уæрæсейы территорийыл хуссарирыстойнаг номыртимæ чи вæййы, уыцы транспортон фæрæзтæм.
"Форум хъуамæ феххуыс уа зындзинæдтæ алыг кæнынæн. Уый ахсджиаг у куыд экономикæйы рæзтæн, афтæ республикæйы бюджетæн дæр", – загъта Сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы комитеты разамонæг.