Хуссар Ирыстоны делегаци бахаста дидинджытæ Абхазы хъахъхъæнджыты мемориалон комплексмæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны делегаци президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй ссардта Абхазы хъахъхъæнджыты ном. Дидинджытæ бахастой мемориалон комплексмæ. Фæмардуæвæг хъайтарты `хсæн сты Хуссар Ирыстонæй ацæуæг бархионтæ дæр – Сиукъаты Джемал, Петров-Кокойты Роберт æмæ Мæргъиты Ацæмæз. Номарæн комплекс ис Гаграйы районы хъæу Псахарайы.
Нæ республикæйы делегаци Абхазы бацархайдзæн æхсæнадæмон экономикон форумы. Президентæй уæлдай Хуссар Ирыстонæй ацыдысты хицауады сæрдар Тадтаты Дзамболат, парламенты сæрдары хæдивæг Харебаты Сергей, Паддзахадон æдасдзинады комитеты сæрдар Юрий Кадий, экономикон рæзты министр Хъотайты Сæрмæт, президенты администрацийы разамонæджы фыццаг хæдивæг Цоциты Сæрмæт, Фæсидвæдон политикæ æмæ спорты комитеты разамонæг Гасситы Сослан, Таможнæйы комитеты къухдариуæггæнæг Цоциты Александр, афтæ ма парламенты депутаттæ Гаглойты Алан æмæ Гасситы Александр.