Хуссар Ир ӕмӕ Абхазы ахастытӕ рӕзынц ӕууӕнчы бындурыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 3 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан хайад исы ӕхсӕнадӕмон экономикон форумы Абхазы.
Форумы ма хайад исы Уæрæсейы президенты администрацийы сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг Сергей Кириенко, Абхазы парламенты депутаттæ, делегацитæ Уæрæсейы 15 регион æмæ фæсарæйнаг бæстæтæй.
Гаглойты Алан ӕхсӕнадӕмон экономикон форумы бакӕныны цытджын церемонийы рӕстӕджы банысан кодта, Хуссар Ир ӕмӕ Абхазы ахастытӕ кӕй рӕзынц ӕууӕнчы бындурыл.
"Иууыл уӕззаудӕр моменттӕ мах алыхатт дӕр лӕууыдыстӕм кӕрӕдзийы фарсмӕ, ӕмӕ уыцы ӕууӕнк у дывӕрсыг ахастыты фидар бындур. Ныфс мӕ ис, не ‘фсымӕрон ахастытӕн кӕй ис дӕргъвӕтин, историон перспективӕ", - загъта президент.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ. Уӕрӕсе дыууӕ бӕстӕйӕн у сабырад ӕмӕ стабилондзинады гарант.
Гаглойты Алан бафтыдта, зӕгъгӕ, Уӕрӕсе иудадзыг ӕххуыс кӕны Абхаз ӕмӕ Хуссар ирыстоны инфраструктурӕйы модернизацийӕн, социалон къабазы рӕзтӕн ӕмӕ инвестицион проектты реализацийӕн.