"Симд" хайад райсдзӕн ӕхсӕнадӕмон фестивалы Кӕсӕг-Балхъары

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ансамбль "Симд" хайад райсдзӕн ӕхсӕнадӕмон фольклорон фестиваль "Танцы над Эльбрусом"-ы, хъусын кӕны республикӕйы культурӕйы министрады пресс-службӕ.
Фестиваль цӕудзӕн Кӕсӕг-Балхъары 8-ӕй 12-ӕм апрельмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы Культурӕйы министрады ӕххуысӕй.
Нысагонд ӕрцыд, фестиваль кӕй уыдзӕн ирд фӕзуат ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр культурӕтӕ фенынӕн: кӕсджытӕ базонгӕ уыдзысты алыгъуызон адӕмты традицитимӕ кафыны аивады уылты.