ЦХИНВАЛ, 6 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Ӕхсар ӕрдзырдта ӕмархайды фарстытыл Кутафины номыл Мӕскуыйаг паддзахадон юридикон университеты ректор Виктор Блажеевимӕ, хъусын кӕны дипломатон уагдоны пресс-службӕ.
"Баныхасы рӕстӕджы дзырд цыд раздзог уӕрӕсейаг юридикон ахуырадон уагдон ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕмархайдыл", - банысан кодтой министрады.
Фембӕлд ацыд къуырисӕры Мӕскуыйы. Джиоты Ӕхсар радта ректорӕн паддзахадон хорзӕх – кадджын ном "РХИ сгуыхт юрист".