ЦХИНВАЛ, 6 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Тъбеты хъӕуы цӕрӕг бравӕндонӕй радта барадхъахъхъӕнджытӕм дыууӕ хӕцӕнгарзы, афтӕ ма 700 нӕмыгӕй фылдӕр, хъусын кӕны къуырисӕры республикӕйы Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) пресс-сулжбӕ.
"Цхинвалы районы Тъбеты хъӕуы цӕрӕг 3 апрелы барвӕндонӕй радта цуанон хӕцӕнгарз, Мосины дамбаца ӕмӕ алыгъуызон калибры 700 нӕмыгӕй фылдӕр", - банысан кодтой уагдоны.
Республикӕйы барадхъахъхъӕнӕг органтӕ ацы цауы фӕдыл ӕххӕст кӕнынц сгарӕн мадзӕлттӕ, бафтыдтой Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты.