ЦХИНВАЛ, 6 апр - Sputnik. Цӕгат Ирыстон райсдзӕн 46 ног автобусы, уыцы нысӕнттӕн Уӕрӕсейы транспорты министрад рахицӕн кӕндзӕн 83 милуан сомы, фехъусын кодта республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло.
"Уӕрӕсейы транспорты министрад ӕхсӕнадон транспорт ранӕуӕг кӕнынӕн субсидитӕ цы 14 регионӕн рахицӕн кодта, уыцы номхыгъды ис нӕ республикӕ дӕр. Ног автобустӕ балхӕнынӕн республикӕйӕн рахицӕн кӕндзысты 83 милуан сомы", - банысан кодта РЦИ-Аланийы разамонӕг.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ног автобусты руаджы цӕрджытӕн балцытӕ уыдзысты комфортон ӕмӕ ӕдас.