Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 50 украинӕйаг дроны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 апр мар - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 50 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.

"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 50 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты Белгороды, Брянскы, Ростовы областты, афтӕ ма Краснодары крайы ӕмӕ Сау ӕмӕ Азовы денджызы акваториты" - дзырдӕуы хъусинаджы.

Уӕрӕсейы ӕфсӕдтӕ егъау цӕф фӕкодтой украинӕйаг энергообъекттӕ