Ӕрыздахын кад ахуыргӕнджытӕм: Плиты Римма РХИ ахуырады министрады сӕйраг хӕсы тыххӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 апр – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Плиты Римма Хуссар Ирыстоны ахуырады министры бынаты йӕ сӕйраг хӕстӕй иуыл нымайы ӕрыздахын кад ӕмӕ престиж ахуыргӕнӕджы профессимӕ. Уый тыххӕй министр фехъусын кодта мыхуыр ӕмӕ информацийы комитеты пресс-конференцийы рӕстӕджы.
"Абоны бон ахуыргӕнӕджы професси ахӕм популярон нӕу. Фӕлӕ уыимӕй иумӕ, бирӕ скъолатӕ бабӕрӕг кӕныны фӕстӕ фӕдис дӕн, куыд бирӕ фӕсивӕд цӕуынц скъоламӕ кусынмӕ. Уый у тынг ахсджиаг", - банысан кодта Плиты Римма.
Плиты Римма ма бузныг загъта Хуссар Ирыстоны ахуырады ӕппӕт министртӕн цы хайбавӕрдл бахастой республикӕйы ахуырады сырӕзты хъуыддагмӕ, уый фӕдыл.