Росреестр ӕмӕ Хуссар Иры паддзахадон реестр бафыста ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны юстицийы министрад ӕмӕ Уӕрӕсейы паддзахадон регистраци, кадастр ӕмӕ картографийы службӕ бафыстой ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд. Уый тыххӕй фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны юстицийы министрады пресс-службӕ.
Документ бафыстой республикӕйы юстицийы министр Джиоты Алан ӕмӕ Росреестры разамонӕджы хӕдивӕг Максим Смирнов.
"Бадзырдмӕ гӕсгӕ Уӕрӕсейы Федераци техникон ӕххуыс бакӕндзӕн автоматизацигонд системӕ "Регистраци ӕмӕ хыгъды иугонд системӕ"-йы модернизацийӕн, афтӕ ма рахицӕн кӕндзӕн цыппар автотранспортон фӕрӕзы", - банысан кодтой пресс-службӕйы.
Уый размӕ хъусын кодтой, зӕгъгӕ, Росреестр баххуыс кӕндзӕн Хуссар Ирыстонӕн саразын нырыккон геодезион хызӕг.