Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 45 украинӕйаг дроны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 апр - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 45 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 45 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй 19 – Ленинграды областы, 11 – Воронежы областы, авд дроны ӕрыппӕрстой Белгороды областы, ӕртӕ – Владимиры областы ӕмӕ фӕйнӕ иу та – Брянскы, Волгограды ӕмӕ Пензайы областты, афтӕ ма Краснодары крайы ӕмӕ Сау денджызы акваторийы" - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 50 украинӕйаг дроны